Поздравление Председателя комитета по делам печати и массовых коммуникаций РСО-Алания Юрия Фидарова с днем осетинского языка

Бӕрӕгбоны арфӕтӕ Зӕрдӕбын арфӕтӕ кӕнын Ирыстоны адӕмӕн ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны фӕдыл! Абон ӕрмӕст ӕвзаджы бон нӕу, фӕлӕ у нӕ адӕмы иугӕнӕг бон, уымӕн ӕмӕ ӕвзаг ӕрмӕст дзурыны ӕмӕ фыссыны фӕрӕз нӕу. Ӕвзаг у наци бӕрӕггӕнӕг, йӕ зондахаст, йӕ фарн ӕмӕ йе ‘гъдауы бындур! Ирон ӕвзаджы райрӕзтыл чи архайы абон: рӕвдауӕндӕтты хъомылгӕнджытӕн, астӕуккаг ӕмӕ уӕлдӕр скъолаты ахуыргӕнджытӕн, газеттӕ, журналтӕ, радио ӕмӕ телеуынады кусджытӕн, зонадон кусджытӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы ноджы стырдӕр ӕнтыстытӕ! Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд! Арфӕйаг куыст кӕнут ӕмӕ арфӕгонд ут! Нӕ уарзон Ирыстон уӕлахиз уӕд!

Цӕгат Ирыстон-Аланийы мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты Комитеты сӕрдар Фидараты Юрий

16.05.18 10:25